Кук, Джеймс
Джеймс Кук | |
---|---|
англ. James Cook | |
Райгуырды датæ | 1728-æм азы 27 октябры[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1779-æм азы 14 февралы[3][4][…] (50 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | бæлццон-иртасæг, картограф, æфсæддон-денджызон афицер, денджыздзау, ботаник |
Мад | Грейс Пейс[d] |
Æмкъай | Элизабет Кук[d] |
Сывæллæттæ | Джеймс Кук[d][9], Натаниэль Кук[d][9], Элизабет Кук[d][9], Джозеф Кук[d][9], Джордж Кук[d][9] æмæ Хью Кук[d][9] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Джеймс Кук (англ. James Cook; 1728-æм азы 27 октябры, Мартон, Йоркшир, Англис — 1779-æм азы 14 февралы, Гавайийы сакъадах) у англисаг хæстон денджыздзау, иртасæг, картограф æмæ фыццакæнæг, Къаролады æхсæнады уæнг æмæ Къаролады денджызон æфсæддон флоты капитан. Æртæ хатты сраздзог Дунеон океаны раиртасыны экспедициты, се ’ртæ дæр уыдысты зæххалварсонтæ. Ацы экспедициты заманы скодта цалдæр географон ссардтæ. Лæмбынæггаст скодта æмæ сæ картæтыл ныссурæтта, йæ агъоммæ Ньюфаундленды æвзæрзонгæ хæйттæ æмæ Канадæйы скæсæны донбылты, Австрали, Ног Зеланди, Цæгат Америкæйы ныгуылæн донгæрæтты, Сабыр, Индийы æмæ Атлантикон фурдты. Кук картографийыл бирæ рæстæг кæй хардз кодта, уый тыххæй йе скæнгæ картæты фылдæр, сæ дырысад æмæ аккуратадæй, бирæ æзтыдæргъы уыдысты сæрты н’ ахизгæ, æмæ бирæ дæсазты, суанг XIX æнусы æмбисмæ, æххуыс кодтой денджыздзаутæн.
Зыдтой йæ куыд быхсон лæгæй æмæ лымæн ахастуагæй бынæттон цæрджытимæ. Йæхиформæ революцигонд скодта денджызбалцы, куы сахуыр ис ахæм тæссаг æмæ арæх-уæрæх низимæ хæцын, куыд цинга. Йæ мæлæтад ын уыцы хосы фæрцы фурдбалцты скуынæг кодтой. Йæ балцы уыдис зындгонд денджыздзуты æмæ иртастджыты æгас плейадæ, зæгъæм, Джозеф Бэнкс, Уильям Блай, Джордж Ванкувер, Джордж Диксон, Иоганн Рейнголд æмæ Георг Форстер.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ (Marton 1728 - Hawaï 1779) // NMVW-collection website
- ↑ The Fine Art Archive
- ↑ James Cook (нидерл.)
- ↑ Lundy D. R. Captain James Cook // The Peerage (англ.)
- ↑ http://www.christies.com/lotfinder/books-manuscripts/captain-james-cook-and-captain-james-5605392-details.aspx
- ↑ http://www.bbc.co.uk/history/domesday/dblock/GB-448000-513000/page/7
- ↑ Кук Джеймс // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Amazon.com
- ↑ 9,0 9,1 9,2 9,3 9,4 9,5 Lundy D. R. The Peerage (англ.)