Урс денджыз
Внешний вид
Урс денджыз | |
---|---|
уырыс. Белое море, карел. Vienanmeri, нен. Сэрако ямʼ | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 90 800 км² |
Гуырахст | 4400 км³ |
Стырдæр арф | 343 м |
Астæуккаг арф | 67 м |
Ран | |
65°48′ с. ш. 39°00′ в. д.HGЯO | |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Урс денджыз (уырыс. Белое море) у Уæрæсейы мидæггаг денджыз, йæ былтыл сты Мурмансчы облæст, Архангельсчы облæст, Ненны автономон зылд æмæ Карелийы Республикæ. Хауы Цæгат Ихджын фурды скондмæ.
Денджызы ис зындгонд архипелаг — Соловецы сакъадæхтæ.
Туркаг адæм «Урс денджыз» (Ak deniz) хонынц Зæххастæуы денджыз, фæлæ, Уæрæсейы цæгаты цы Урс денджыз и, уый дæр хонынц «урс» — фæлæ æндæр дзырдæй: Beyazdeniz.