Словени
Словенийы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Republika Slovenija | |||||
| |||||
Словенийы паддзахадон гимн | |||||
Официалон æвзаг | словенаг | ||||
Сæйраг сахар | Люблянæ | ||||
Стырдæр сахартæ | Люблянæ, Марибор, Целе, Крань, Веленье æмæ æндæртæ | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Парламентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 20 253 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,6 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 2 009 245 ад. | ||||
• Æнгомад | 99 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 40,5 млрд. долл. | ||||
Валютæ | евро[1] | ||||
Интернет-домен | .si | ||||
Код ISO | SI | ||||
ÆОК-ы код | SLO | ||||
Телефонон код | +386 | ||||
Сахатон таг | +1 | ||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Слове́ни (словен. Slovenija [slɔˈʋèːnija]), официалон ном у Словенийы Республикæ (словен. Republika Slovenija) у Европæйы паддзахад, Европæйы Цæдисы уæнг. Словенийы сæйраг сахар у Люблянæ.
- Бæстæйы фæзуат: 20 273 км2
- Цæрджыты нымæц: 2 011 070 (2005).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Словенаг адæмы славяйнаг фыдæлтæ æрцардысты, нырыккон Словени кæм ис, уыцы бынаты VI æнусы. VII æнусы та уыдон баиу сты, Карантани кæй рахуыдтой, ахæм паддзахады. Карантани, бирæ историкты хъуыдымæ гæсгæ уыд фыццаг славяйнаг паддзахад. 745-æм азы Карантани йæ хæдбардзинадæй фæцух æмæ та Франкты империйы хай сси.
Уымæй фæстæ Словенийы территори цалдæр æнусы дæргъы уыд Австри-Венгрийы хай.
1918-æм азы словенæгтæ бацыдысты хуссар славяйнаг адæмты цæдисон паддзахадмæ — Югославимæ. Югослави хæлд куы æрцыдис, уæд 1991-æм азы 25 июны Словени сси хæдбар паддзахад.
2004-æм азы 29 мартъийы Словени бацыдис НАТО-мæ. Уыцы азы 1 майы та — Европæйы Цæдисмæ.
Кæс стьятæ
[ивын | Бындур ивын]Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Словенийы хицауады сайт
- Moja Slovenija: къамтæ æмæ картæтæ
- Словенийы хæхтæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн)