Ныхас
Внешний вид
- Ацы статья æвзагзонынады хъуыдыйы тыххæй у. Организацийы тыххæй кæс Стыр Ныхас.
Ныхас у адæймæгтæн сæ кæрæдзийы ’хсæн дзурыны фæрæз, сæрмагонд æвзаджы конструкцитæй бæлвырд уагæвæрдтæм гæсгæ чи пайда кæны, ахæм. Ныхасы архайды ахицæнкæнæн и хъуыдытæ æвзаджы фæрæзтæй разæгъыны архайдыл æмæ, иннæрдыгæй, æвзаджы конструкцитæ бамбарыны архайдыл. Афтæмæй ныхас у психолингвистикон процесс, адæймаджы æвзаджы уæвыны формæ.
Ныхас у адæймаджы архайды ахсджиагдæр хуызтæй иу, уый фæрцы адæймаг йæ алфамбылай дуне æмбары, стæй йæ зонæнтæ æндæр адæймæгтæн дæтты æмæ фæдылдзу фæлтæртæм сæ æмбырд кæны.