Перейти к содержанию

Лепрозори

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Лепрозори (leprosus — хъотырæй рынчын, хъотырджын рагон грекъ. λεπρηхъотыр) — хъотырджынты кæм дзæбæх кæнынц, ахæм сæрмагонд бынат, йæ куыст у хъотырæй рынчынты рабæрæг кæнын, адæмæй ахицæн кæнын æмæ сæ дзæбæх кæнын. Лепрозоритæ арæзт æрцæуынц хъæууон бынæтты. Лепрозорийы мидæг вæййы стационар, амбулатори æмæ эпидемиологион хæйттæ. Рынчынтæн лæвæрд æрцæуынц цæрæнбынæттæ, вæййы сын зæххыл кусыны æмæ æрмгуыст кæныны фадæттæ. Йæ низмæ гæсгæ рынчын арвиты ам цалдæр мæйæ — бирæ азтæм. Лепрозорийы кусджытæ дæр фæцæрынц лепрозорийы рынчынты цæрæнбынæттæй дих кæнынц бæлæстæй æмæ æндæр исты ахæмтæй.

Иуæй-иу бæстæты (зæгъæм, Бразилийы, Индийы æмæ æнд.) рынчынты сæ бæрцы тыххæй лепрозоритæм не ’рвитынц фæлæ сæ дзæбæх кæнынц æнæуый рынчындæтты.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]