Джибути
Джибутийы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
جمهورية جيبوتي République de Djibouti | |||||
| |||||
Девиз: «Unité, Égalité, Paix (Иудзинад, Æмхуызонад, Сабырдзинад)» | |||||
Гимн: «Flag song» | |||||
Официалон æвзаг | араббаг, францаг | ||||
Сæйраг сахар | Джибути | ||||
Стырдæр сахартæ | Джибути | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 22 000 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Сфыст (2024) | 1 066 809 ад. | ||||
• Æнгомад | 46 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 1570 млн. долл. | ||||
Валютæ | Джибутийы франк (DJF) | ||||
Интернет-домен | .dj | ||||
Код ISO | DJ | ||||
ÆОК-ы код | DJI | ||||
Телефонон код | +253 | ||||
Сахатон таг | +3 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Джибу́ти (арабб. جيبوتي) у чысыл паддзахад Цæгат Африкæйы, Сырх денджызы былгæрон (Джибутийы арæнты йæ дæргъ у 314 километры), хауы Африкæйы Сыкъайы регионмæ. Францы кæддæры колони, 1977 азы сси хæдбар.
Бæстæйы фылдæр хай у дурджын æдзæрæгран. Къæвдатæ сты стæм, уый тыххæй халсæрттæ дзы нæ зайы, æмæ уымæн сты æндæр бæстæтæй ласинаг.
Административон æгъдауæй дихгонд у 5 зылды æмæ, зылды æмдых чи у, ахæм сахарыл.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Цæрджыты нымæц у милуаны ’рдæджы бæрцмæ æввахс. Сæ динмæ гæсгæ сты сунниттæ (94%) æмæ чырыстæттæ (6%).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Джибутийы стырдæр адæмтæ сты афар æмæ сомали (иссæ), уыдоны ’хсæн фыдахаст стыхджын, æмæ 1992 азæй 1994 азмæ се ’хсæн уыдис хæстæмбæлдтытæ (Афары сыстады номæй дæр зындгонд сты). Хæстæн кæрон счындис бадзырды фæрцы, фæлæ бадзырды фæстæ дæр, суанг 2001 азы онг уыдис тыхмитæ.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Экономикæйы бындур у денджызон транспорт. Джибути у Эфиопийы сæйрагдæр порт. АИШ (ИНО-йы номæй) Сомалимæ куы балæбурдта, уæд Джибути иста хорз æфтиаг. 2001 азæй Джибути АИШ-æн æххуырсты хуызы дæтты æфсæддон базæ Лемонье, кæддæры Францы фæсарæйнаг легионы казармæтæ. Базæйы командæгæнæг у Джон Хекман.