Перейти к содержанию

Галерас

01°13′ с. ш. 77°22′ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Галерас
Кæм ис
01°13′ с. ш. 77°22′ з. д.HGЯO
Ран Колумби
Хохы системæ Андтæ
Характеристикæтæ
Бæрзæнд 4276 м
Галерас (Колумби)
Галерас
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Галерас (исп. Galeras) — стратовулкан Хуссар Америкæйы Колумбийы территорийыл, гыццыл фалдæр сахар Пастойæ.

Вулканы бæрзæнд хæццæ кæны 4276 м, диаметр бындурыл 20 км фылдæр. Кратеры диаметр — 320 метры, йæ арфад — 80 метрæй фылдæр.

Геологты æмæ вулканологты иртæстытæм гæсгæ фæстаг 7 мин азы агъоммæ Галерасыл æрцыдис 6 егъау æмæ тынг бирæ чысыл сирвæзты. Афтиддæр XVI æнусы дæргъы ам регистрацигонд æрцыдис ссæдз сивæзтæй фылдæр. 1993-æм азы иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ вулканы кратеры фæмард 6 геологы (уыцы уысмы райдыдта вулканы сирвæзт). 2006-æм азы ноябры егъау сирвæзты тасæй тæрсгæйæ алфæмбылайон цæрæнрæттæй эвакуацигонд æрцыдысты аст мин цæрæгæй фылдæр. Фæстаг сирвæзтытæ уыдысты 2008-æм азы январы, 2009-æм азы февралы[1], 2010-æм азы январы[2]

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]