Перейти к содержанию

Цай

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цай

Цай (кит. — «ча́» пекинаг æмæ кантойнаг диалекттыл, «те̂» амойагыл æмæ «тцай-е» тайванаг диалектыл) — нозт, кæнгæ у сæрмагонд уавæртæй развæлгъау цæттæконд, цайы къудзийы сыфтæй — фыцгæйæ, цайласгæйæ æмæ/кæнæ доны ныллæуынгæнгæйæ. Цай ма хуындауы цайкъудзийы сыф йæхæдæг, бакуыст æмæ бацæттæ кæцы баййæфта нозт скæнынмæ, ахæм. Бацæттæмæ хауы развæлгъау хускæнæн, сзилæн, дзæвгар дæргъвæтин ферментативон батуаг, кæрон-хус. Æндæрхуыз операцитæ процессмæ бафтаугæ сты æрмæст хицæн хуыз æмæ цаймыггæгтæ скæнынмæ. Уæрæх мидисы та «цай» хуыйныны бон у алкæцы нуæзтæн, разбацæттæ зайæгойтæй тæвд доны раласгæйæ.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]